РЦИ-Аланийы хъæдты тæссаг у зынгсирвæзтытæй
Зынгсирвæзтытæй тæссаг уавæр республикæйы хъæдты расидтысты 11-æм августмæ. Уый тыххæй хъусын кæны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон хайады пресс-службæ. Специалисттæ уавæрæн дæттынц тæссагдзинады 4-æм къæпхæн. Уый фæдыл адæммæ сидынц, цæмæй зынгсирвæзтытæй тæссаг рæстæджы æдасдзинады домæнтæ `ххæст кæной. Æнæхъуаджы нæ хъæуы хъæдмæ цæуын, кæрдæг æмæ хауæццæгтæ ныртæккæ судзын дæр сæ тæккæ хорз хъуыдытæй нæу. Артмæ куы расайа, уæд æй ахуыссын кæнын хъæуы хибарæй, кæнæ та зынгхуыссынгæнджытæм бадзурын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы хъæдты тæссаг у зынгсирвæзтытæй
Категория:
Новости и СМИ