Ахсджиаг форум

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Туризмы райрæзтыл ма дзурынц Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы «Сообщество», зæгъгæ, форумы. Сарæзтой йæ Дзæуджыхъæуы. Цы программæтыл цæуы ныхас, уыдон тынг цымыдисаг сты. Сарæзтой интеллектуалон хъæзтытæ. Архайджытæ сæ зонындзинæдтæ æвдыстой Кавказы рæсугъдæр бынæтты зонынæй. Абон та сын уыд пленарон æмбырд. Архайдтой дзы Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы секретарь Валерий Фадеев, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, республикæйы æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова æмæ Уæрæсейы туризмы къабазы минæвæрттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, форум «Сообщество» саразынц Уæрæсейы алы горæтты 2015 азæй нырмæ. Цæгат Ирыстоны цæуы фыццаг хатт. Архайынц дзы 400 адæймаджы. Туризмы райрæзты фæдыл уал сарæзтой дискусситæ, стæй дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Эксперттæ радзырдтой регионы туристон авналæнты тыххæй, Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй форум цымыдисаг æмæ пайда уыдзæн. Валерий Фадеев, Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы секретарь: «Ацы хъуыддагыл ивгъуыд азæй нырмæ дзурæм. Цæгат Ирыстон ацы проекты номхыгъдмæ бахастам. Уый фæстæ та йæ айстой. Уый раст нæу. Уæрæсейы министрады минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй араздзысты конкурстæ. Мах Цæгат Ирыстонмæ не `ргом раздæхтам. Баххуыс ын кæндзыстæм». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ахсджиаг форум

Категория:

Новости и СМИ