Ахсджиаг фембæлд
Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур та фембæлд Уралы Хæххон-металлургон компанийы разамындимæ. Æмбырды æрдзырдтой, завод «Электроцинчы» цы бæллæх æрцыд, ууыл. Депутат сын фехъусын кодта адæмы домæнтæ, ома, дам, завод хъуамæ æхгæд æрцæуа. Уралы хæххон-металлургон компанийы сæргълæуджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй завод æхгæд æрцæудзæн æви нæ, уый нырма зын раиртасæн у. Кæронбæттæны хатдзæг сбæрæг уыдзæн, зынгсивæрзт цæй аххосæй сæвзæрд, уый сбæрæг кæныны фæстæ. Таймазты Артур куыд бафиппайдта, афтæмæй разы у нæ республикæйы цæрджыты хъуыдыимæ. Адæмы æнæниздзинадæн зиан чи хæссы, ахæм заводæн кусыны бар нæй. «Æз æрбалæудзынæн нæ адæмы фарсмæ», - зæгъы Таймазты Артур. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ахсджиаг фембæлд
Категория:
Новости и СМИ