Фæахъаз уыдзæн, æви нæ?
Арæзтадæн æхца чи бахаста, уыдонæн ног закъонмæ гæсгæ се`хцатæ хъахъхъæд уыдзысты. Ногдзинадмæ гæсгæ фатер æлхæнджыты æхцатæ ныр æвæрдзысты банчы. Арæзтадон компанитæн та сæ иу ратдзысты куыстытæ кæронмæ куы фæуой, уæд.Уыцы рæстæгмæ та хæдзар аразджытæн æхца дæтдзысты кредитты хуызы. Ацы мадзал æхца ныкъкъуыввитт кæнын нæ бауаддзæн.Уый та уый тыххæй, æмæ аразæг компанитæ бирæты зæрдæхудты бацыдысты. Йæ капекк чи ратта, фæлæ ног фатеры хицау чи не сси, уыдоны тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Хъесаты Астаны номыл уынджы бирæуæладзыгон хæдзары арæзтадмæ Плиты Барис æхца 2008 азы бахаста. Фæлæ чысыл фæстæдæр арæзтад ныллæууыд, уымæн æмæ фæрæзтæ нал уыд. Уæдæй рацыд 10 азы. Фæлæ нæлгоймаг нæ дæр ног фатер нæма федта, нæдæр йе`хца. Плиты Барисы хуызæн уавæры бирæтæ сты. Хорз уый у æмæ нæлгоймагæн йæ хъуыддаг кæронмæ раиртæйстой. Æмæ йын фатер цы хæдзары хъуамæ раттой, уый арæзт æрцæудзæн. Ног закъоимæ Плиты Барис разы у. Цин дæр йыл кæны. Зæгъы, арæзтадмæ се`вæрæн чи бахаста уыдоны бартæ кæдæй-уæдæй хъахъхъæд уыдзысты. Сæ хъуыддаг бынтон хорз нæ уыдзæн арæзтадон фирмæтæн. Ахæм хатдзæгмæ æрцыд компанитæй иуы директор Дзгойты Виктор. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм ивддзинæдтæм нæ регионы арæзтадон къабаз цæттæ нæу, уый та уымæн æмæ арæзтадон компанитæм хи æхцатæ нæй, банктæ та уый бæрц кредиттæ нæ ратдзысты. Арæзтадон компанийы директор Дзгойты Хъазыбег: «Регионы арæзтады хъуыддаг банчы системæйæ аразгæ у. Зæгъын хъæуы уый, æмæ арæзтадон объекттæн кредиттæ дæттынц 60 банчы. Цæгат Ирыстоны та æрмæстдæр иу – æфснайæн банк». Ног закъон нæ республикæйы арæзтадон къабазæн пайда кæй нæу, уый тыххæй дзурынц эксперттæ дæр.Сæ ныхæстæм гæсгæ,ацы хъуыддаджы банктæн сæ бар сæхи у. Цавæр арæзтадон кампанийæн ратдзысты æхца, уый дæр сæхæдæг æвзардзысты. Фæлæ цавæр домæнтæм гæсгæ, уый ничи зоны. Эксперт Елена Макаева: «Уый арæзтадæн пайда нæ уыдзæн. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ, раздæрау, ныр дæр арæзтадмæ йе`вæрæн чи бахаста уыцы адæмы сты арæзтады сæйраг бюджет. Уынæм, нæ республикæйы дæр, уæдæ Уæрæсейы дæр афтæ, цæсты фæныкъуылдмæ сырæзынц ног бирæуæладзыгон хæдзæрттæ. Ацы закъонæн йæ фæстиуджытæ уыдзысты ахæм æмæ хæдзар балхæнын цæрджытæн сæ къух нал амондзæн». Нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ арæзтадмæ хи æвæрæн чи бахæссы уыдоны фæрцы арæзтадон куыстытæ чи кæны, ахæм компанитæ нæ республикæйы сты 20-ы бæрц. Уыимæ ведомствæ цæст дары сайд кæуыл æрцыд, ахæм 436 адæймагмæ.Ныр хъуыддагмæ лыстæг куы æркæсæм, уæд æппæт уыцы адæмæй алкæмæдæр æмбæлы æппын къаддæр18 квадратон метры. Сæ саразынæн та дыууæ сæдæ милуан сомæй фылдæр бахъæудзæн. Адæм се хца бæргæ бафыстой, фæлæ фатерты хицæуттæ ныр дæр нæма сты. Ног закъон сын феххуыс уыдзæн, æви нæ, уымæн эксперттæ дæр дзуапп нæ зонынц. Сæ хъуыдымæ гæсгæ рæстæг йæхи æвдисдзæн. Фæлæ закъоны ныффидар кæныны гæххæтт Уæрæсейы президент нæмæ бафыста. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæахъаз уыдзæн, æви нæ?
Категория:
Новости и СМИ