Елхотаг лæппу аирвæзын кодта нæлгоймаджы
Нæ æрмæджы хъайтар - нудæсаздзыд Елхоты бирæвæрсыг колледжы студент Гуырцъыты Тамерлан. Лæппу кæд нырма ирвæзынгæнæгыл ахуыр кæны уæддæр ныридæгæн иу цард бахъахъхъæдта. Мæлæты къухæй ратыдта йæ цæстыты раз цы нæлгоймаг фæдæлдон, уый. Елхоты цадты сæрдыгон каникулты рæстæг кусгæ кодта кæсагахсæг доны куы ныххауд уæд. Æвзонг лæппу хъуыды дæр нал акодта ленк кæнын кæй нæ зоны, ууыл афтæмæй нæлгоймаджы фæстæ доны ныгæпп кодта. Тамерланы хиуæттæ æмæ хæлæрттæ ууыл гырысхо дæр нæ фæкодтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй у æуæнчы аккаг адæймаг. Йæхицæй зæрдæхæлардæр нæй. Колледжы дæр дзы сæрыстыр сты. Тамерлан бирæ хæттыты уыд «Студент года», зæгъгæ, конкурсы уæлахиздзау. Арæх фæархайы спортивон æмæ культурон мадзæлтты. Колледжы разамынд дæтты студентты хиуынафæййады советæн. Тамерлан дарддæр фæнд кæны Петербурджы ирвæзынгæнæн службæйы паддзахадон университеты ахуыр кæнын. Зæрдæ бавæрдта ахуыры фæстæ йæ чысыл райгуырæн зæххы йæ зонындзинæдтæй пайда кæндзæн. Гуырцъыты Тамерлан. студент: «Нæлгоймаджы донæй раластон. Уадзыг уыд. Улæфгæ нæ кодта. Райдыдто реанимацион мадзæлттæ. Йæхимæ йæ æрцæуын кодтон. Йæ хæлар дæр мын аххуыс кодта. Нæлгоймаджы йæ уæрагыл æрæвæрдтон æмæ йын йæ рæуджытæй райдыдтон дон æддæмæ уадзын. Нæлгоймаг куы схуыфыд уæд йæ улæфт фæхорз ис». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Елхотаг лæппу аирвæзын кодта нæлгоймаджы
Категория:
Новости и СМИ