Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты тыххæй мæнг хабæрттæ парахатгæнджытæ æфхæрд цæудзысты закъонмæ гæсгæ
Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты куысты тыххæй мæнг хъусынгæнинæгтæ чи парахат кæны, уыдон æфхæрд цæудзысты закъонмæ гæсгæ. Паддзахадон Думæйы закъоны проект снысан кодта. Ныр закъонхалæг иваргонд цæудзæн суанг æрдæг милуан сомы онг. Кæнæ тæрхонгонд æрцæудзæн ахæстоны 3 онг фæбадынмæ. Уавæр ма карздæр кæны, закъонхалæг куысты бынат æмæ фæлывд бæлвырдæгæнтæй куы пайда кæна, уæд тæрхон фæкарздæр уыдзæн 5 азæй 10 азы онг. Уыимæ ма, мæнг хъусынгæнинæгæ уæззау фæстиуджытæм куы расайой, уæд тæрхон фæкарздæр уыдзæн 5 азæй 10 азмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv