Ирыстойнаг тенор
Музыкалон уæларвы сæрттывта ирыстойнаг «Ног стъалы». Федералон каналтæй иуы зарæггæнджыты конкурсы уæлахиздзау сси не мзæххон Томайты Тимур. Æппæтуæрæсейон æркасты архайдтой фæлтæрдджын минæвæрттæ нæ бæстæйы алы къуымтæй. Архайджыты фæлвæрдтой цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Кæронбæттæны та хуыздæр зарæггæнæджы ном райсыныл тох кодтой 9 конкурсанты. Хæслæвæрдтæм гæсгæ уæлахиздзаутæ хъуамæ уой дыууæ. Жюрийы уæнгтæ равзæрстой мæскуыйаг коллектив «Ки? Туа!», нæ бæстæйы цæрджытæ та аккаг аргъ скодтой зарæггæнджыты къорд «CoffeetimeBand»-æн æмæ ирыстойнаг тенорæн. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ адих кодтой дыккаг бынат. Телепроект «Ног стъалы» у егъау æркаст, йæ нысан у ног курдиатджын адæмы рабæрæг кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирыстойнаг тенор
Категория:
Новости и СМИ