Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 10 блогеры Уæрæсейы алы регионтæй
Зынгонд блогертæ Уæрæсейы алы къуымтæй аргъ скодтой Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæн. Сæ балц къухы бафтыд Цæгат Кавказы регионтæм туристон экспедицийы фæлгæты. Ирон адæм уазæгуарзон кæй сты, уый уазджыты дисы бафтыдта. Уæдæ Цæгат Ирыстоны бæрзонд хæхтæ блогерты зæрдæтæ балхæдтой. Уазджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй сæ нæ республикæмæ ногæй ссæуын фæнды. Уый тыххæй радзырдтой не сфæлдыстадон къордæн. Нейрофизиолог, зарæггæнæг, бæлццон. Се 'ппæт дæр сты блогертæ Уæрæсейы алы регионтæй. Алкæмæндæр дзы ис æппынкъаддæр 100 бафыссæджы социалон хызæгты. Æппæты фылдæр та сты Валерия Солтанæн - 900 мины. Цæгат Ирыстоны сæ балц райдыдтой Гæздæнты æфсымæрты цыртдзæвæнæй. Ам сын балцамонæг радзырдта Гæздæнты бинонты хъысмæты тыххæй. Дарддæр сæ фæндаг акодтой Куырттаты коммæ. Блогертæ цымыдисæй кæсынц хæхтæм æмæ комы рæсугъддæр бынæттæм. Фыццагдæр федтой Хъæдæргъæвæн. Уазджытæ кæд улæфынмæ ссыдысты, уæддæр сæ куыст рох нæу. Сæ бафысджыты зæрдæтæ дæр барухс кæнынæн исынц къамтæ цымыдисагдæр бынæтты. Уæлдайдæр сæ блогерты зæрдæмæ фæцыд Сырддон æмæ Дзывгъисы фидар. Блогертæ республикæйы фыццаг хат сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй Ирыстоны æрдз сæ зæрдæйы баззад. Дарддæр къорд абалц кодта нæлгоймæгты Алайнаг моладзандонмæ. Ам уазджытæм æнхъæлмæ кастысты нæ республикæйы мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты минæвæрттæ. Куыд уазæгуарзон адæм, афтæ блогертæн бацæттæ кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Æппæты кæстæр уазæджы дæр сбуц кодтой. Блогертæн ацы балц сарæзта Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрад, информацион агентад ТАСС-имæ. Балцæн йæ сæйраг нысан у – уазджыты Кавказы культурæ, традицитæ æмæ рæсугъддæр бынæттимæ базонгæ кæнын. Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг Гæбæлаты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ ма сæм æндæр проекттæ дæр ис. Блогертæ куыд зæгъынц, афтæмæй Цæгат Ирыстонмæ балцы тыххæй сæ социалон хызæгты дæр ныффысдзысты, фылдæр сæ зæрдæмæ цы фæцыд, уый тыххæй. Уыимæ ма, равæрдзысты видеоæрмæджытæ дæр. Къордæн йæ балц кæронмæ æрхæццæ Дæргъæвсы. Абон араст уыдзысты фæстæмæ. Æнæмæнг у, цымыдисаг æнкъарæнтимæ кæй ацæудзысты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 10 блогеры Уæрæсейы алы регионтæй
Категория:
Новости и СМИ