Æнкъард хабар
Йæ цардæй ахицæн республикон гвардийы къомандыгæнæг Бæройты Эльбрус. Уыдис хæстон-интернационалист дæр. Йæ хæлæрттæ йæ хуыдтой æмбисонды адæймаг, æцæг Советон офицер. Йе `фсæддон хъæбатырдзинад бахсыст Афганистаны, ирон батальоны къомандыгæнæг уæвгæйæ, хъахъхъæдта Цхинвал гуырдзиаг æрдонгтæй. Йæ фыдыбæстæ уарзта æгæронæй, фæзминаг уыдис кæстæр фæлтæрæн, ирд фæд ныууагъта, чи йæ зыдта, уыдонæй алкæй зæрдæйы дæр. Бæройты Эльбрус райгуырд 1951 азы 9-æм январы, службæ кодта Германийы, уым райста хистæр лейтенанты цин. Уый фæстæ æрвыст æрцыд Орскмæ, куыста дзы иумæйагæфсæддон ахуыргæнæндоны, Афганистанмæ дæр æй уырдыгæй арвыстой. Хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй æмæ «Сырх Стъалыйы» орденæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнкъард хабар
Категория:
Новости и СМИ