Паддзахадон думæйы ахуырад æмæ наукæйы комитет закъоны проектмæ ног æркасты фæстæ бафыста уагæвæрд
Паддзахадон Думæйы ахуырад æмæ наукæйы комитет закъоны проектмæ ног æркасты фæстæ бафыста уагæвæрд. Ныхас цæуы скъоладзаутæн лæварæй цы `мбæлы, уыцы тæвд хæринæгты домæнтыл. Ивддзинæдты фыст куыд æрцыд, афтæмæй райдиан кълæсты ахуырдзаутæ лæвар тæвд хæринаг боны дæргъы 1 хаттæй къаддæр хъуамæ ма исой. Уыимæ ма менюйы хъуамæ уа тæвд хæринаг æмæ тæвд нуазинаг. Ныр фæрæзты хæрдзты тыххæй куы дзурæм, уæд сæ исдзысты федералон, регионалон æмæ бынæттон бюджеттæй. Афтæ, лæвар аходæнты тыххæй дзуапп дæтдзæн ахуырад æмæ наукæйы министрад. Нæ бæстæйы президенты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хъуыддаг хъæуы аразын къæпхæнгай. Регионтæн ацы фарстайыл бакусæн уыдзæн ацы азы 1 сентябрæй 2023 азы 1 сентябрмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны тæвд хæринаг цæттæ кæнынц алы скъолайы дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паддзахадон думæйы ахуырад æмæ наукæйы комитет закъоны проектмæ ног æркасты фæстæ бафыста уагæвæрд
Категория:
Новости и СМИ