Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кинологтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон
Уæрæсейы æнæхъæлæджы уавæрты министрады кинологты службæ бæрæг кæны сæ профессионалон бæрæгбон. Ацы бæрнон дæсныйады фæрцы ахуыргонд куыитæ иу æмæ дыууæ адæймаджы нæ аирвæзын кодтой. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады тренировкæтæ гæнæн базæйы куыйтимæ. Алы бон дæр тренировкæтæ кæнынц 2 сахаты бæрц. Сæ бон миты æмæ дурты бын уайтагъд адæймаджы райарын. Уыдоны цæттæ кæнынц æппæты зын æмæ æнæхъæлæджы уавæртæм. Кинологон службæйы кусын сеппæты бон нæу. Ардæм æрбацæуынц æрмæст дæр куыты бирæ чи уарзы ахæм адæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кинологтæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон
Категория:
Новости и СМИ