Центр "Вершина" - йы сарæзтой сæрдыгон ахуырадон сменатæ

Алыхуызон буаргъæдтæ кæрæдзимæ æфтаугæйæ донгъæд йæ хуыз баивы, рауайы дзы цавæрдæр химион сконд. Куы йæ стæвд кæнай, уæд та дзы ноджы фæзыны æндæр ивддзинæдтæ. Органикон æмæ æнæорганикон химийы æууæлтæ 15 аздзыд София зæрдæргъæвдæй ахуыр кæны. Практикон ахуыртæ фæсивæдæн сты тынг цымыдисаг. Зоологи, ботаникæ, анатоми æмæ физиологи. Наукон-иртасæн куыстæн центры ис æппæт нырыккон кусæнгæрзтæ дæр. Се 'руаджы хи фæлварæн раттынмæ бæстонæй бацæттæ кæнæн ис. Фæлтæрдджын ахуыргæнджытимæ иумæ ам фæсивæдæн æххуыс кæнынц уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ дæр. Скъоладзаутæ бæстондæрæй ахуыр кæнынц алгебрæ æмæ геометри, кусынц логистикон хынцинæгтыл дæр. Фæнды сæ ног хуызы хъуыды кæнын. Хистæркъласонтæ та сын лæмбынæгæй æмбарын кæнынц æрмæг. Лагеры ацы рад райдыдыта 18 июлы æмæ цæудзæн 2 къуырийы. Ацы аз сæрдыгон сæрмагонд ахуырты фæлгæты сывæллæтты цæттæ кæнынц æппæтуæрæсеон олимпиадæйы регионалон æмæ федералон къæпхæнтæм. Центр "Вершина"-йы архайынц сывæллæтты алывæрсыг райрæззтыл, уыимæ спортивон цæттæдзинадыл дæр. Переменæты фæсивæд хъазынц волейбол æмæ стъолыл хъазгæ теннисæй. Июлы кронмæ курсы бацархайдзæн 100 лæппу æмæ чызгæй фылдæр. Уыдонæй 30 сты хъæуты скъолатæй. Алы здæхты дæр хуыздæртæ райсдзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уыимæ ма сæ бахæсдзысты иннæ рады архайджыты хыгъдмæ æнæ фæлварæнтæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
19 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии