Уæрæсейы банк зилдухмæ рауагъта коллекцион æвзист згъæрæхца
Ивгъуыд æмæ фидæн симды бацыдысты. Ацы кафт хуымæтæг нæу. Æвдисы ирон адæмы истори, культурæ æмæ æгъдау. Ацы æууæлтæ æвдыст æрцыдысты юбилейон згъæрæхцайыл. Кафджытæ раст цыма æрлæууынмæ дæр нæ хъавынц, афтæ. Юбилейон згъæрæхцайыл куыста нывгæнджыты къамис. Алчидæр дзы бахаста йæхи æвæрæн - хъæппæристæ, уæлнывтæ, эскизтæ. Фæлæ бæрнон хæс сæвæрдтой Джыгкайты Муратыл. Афтæ рауад æмæ йæ дипломон куыст баст уыд Ирыстоны автономийы 50 азимæ. Дæсны рагæй архайдта, цæмæй йæ куыст уа æнæаипп æмæ мæнæ иттæг хорз хатдзæг. Уæздан кафт, 16 къайы сæ астæу нæ герб, афтæмæй. Æвзист згъæрæхца 3 сомы аргъæн. Йæ уæз у 30 граммы. Диаметр - 39 миллиметры. Йæ дыууæ фарсыл дæр бæрæг дары хуызтаг æмæ фыстытæ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Тираж - 3 мин иуæджы. Æхцайы нысан та бахастой "Историон цаутæ", зæгъгæ, серимæ. Историон нысаниуæгимæ бæрæгбон - Цæгат Ирыстоны равзæрды 100 азы бон. Уæрæсейы банк зилдухмæ рауагъта коллекцион æвзист згъæрæхца, уыдон суыдзысты кады нысан ацы ахсжæиаг цауæн.