Уацары чи бахауд, уыдоны ныййарджытимæ фембæлд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Æрдзырдтой, скъолаты рауагъдонтæн ацы аз нæ бæстæйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм нысанмæ гæххæттытæ кæй нæй, ууыл. Афтæмæй сын Мæскуыйы уæлдæр скъолаты бынæттæ дæр нæ радих кодтой. Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй архайынц фарста аиуварс кæныныл. Хъуамæ сывæллæттæн фадат уа, цы ахуыргæнæндоны сæ фæнды, уым ахуыр кæнынæн. Кæд хъуыддаг нæ фæрæстмæ уа, уæд нысанмæ гæххæттытæм гæсгæ ахуыр кæндзысты æндæр уæлдæр скъолаты. Ацы аз ахæм æххуыс бахъуыд 38 адæймаджы. Се `хсæн канд скъолаты рауагъдонтæ нæ, фæлæ ма бакалавриаты, магистратурæйы æмæ ординатурæйы чи ахуыр кæны, уыдон. «Уавæр афтæ рауад уый тыххæй, æмæ сывæллæтты дарддæр ахуыр кæнын кæм бафæндыд, уыцы уæлдæр ахуырадон уагдæттæй кæцыдæртæ нысанмæ бынæттæ нæ радих кодтой. Ахæм уавæры 2005-æм азæй фæстæмæ фыццаг хатт нæ бахаудыстæм. Нæ республикæйы хицауад сыл-иу бакуыста, уæдæ ныр дæр афтæ Фарста аиуварс кæныны тыххæй нæ республикæйы сæргълæууæг ныхас кæны ректортимæ», — РЦИ-Аланийы ахуырд æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Уацары чи бахауд, уыдоны ныййарджытимæ фембæлд

Категория:

Новости и СМИ