Алагиры скъола интернаты ахуырдзаутæ специалисттæн баххуыс кодтой тæрс бæласы 3 600 талайы
Цæгат Ирыстоны ныссагътой тæрс бæласы 3 600 талайы. Мадзал ацыд «Сохраним Лес», зӕгъгӕ, æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты. Республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады специалисттæн æххуыс кодтой бархионтæ, студенттæ, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ æмæ Алагиры скъола-интернаты ахуырдзаутæ. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, ӕмӕ нацпроект «Экология»-йы фæлгæты акцийы архайынц нæ бæстæйы 82 регионы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv