Куысты хатдзæгтæ
Мæздæджы районы хъæууон-хæдзарадон зæххыты хаццоны фиддонтæ уыдысты æмбæлгæ аргъæй къаддæрыл лæвæрд. Уый 2018 азы районы бюджетæн 27 милуан сомы зиан æрхаста. Уый тыххæй фехъусын кодтой цæстдарæн-нымайæн палатæйы æмбырды. Архайдтой дзы нæ республикæйы Парламенты сæрдар Алексей Мачнев, прокурæтурæйы кусджытæ, федералон монополиты ныхмæ тохгæнæг службæйы разамынд æмæ æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ. Æмбырды ныхас кодтой ведомствæйы 2018 азы куысты хатдзæгтыл. Арæзт æрцыдысты 8 рейды нæ республикæйы хицауад, парламент æмæ прокурæтурæйы хæслæвæрдтæм гæсгæ. Æдæппæтæй 2018 азы басгæрстой 197 объекты. Закъонхæлдтыты фылдæр хай баст сты æфтиæгтæ бюджетмæ кæй нæ бахæццæ вæййынц, стæй ма бюджетон фæрæзтæй фæткмæ гæсгæ кæй нæ пайда кæнынц, уыимæ. Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Хъæлыцты Инал куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ведомство раздæрау æмгуыст кæны Уæрæсейы нымайæн палатæ æмæ республикæйы хицауадимæ. Ацы аз уæлдай æргом æздахдзысты арæзтадон къабазмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куысты хатдзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ