Абайтыхъæуы къардиуы был цы хæдтулгæ `рцауыдзæг, уый ирвæзынгæнджытæ сластой
Цъæйы комы Абайтыхъæуы къардиуы был хæдтулгæ æрцауындзæг. Цæхгæр фæзилæны машинæ фæндагæй атылд. Хуыцау хорз, æмæ бæлæстæм ныббыцæу æмæ йæ иннæ фæндаггæттæ федтой. Пассажирты æвæстиатæй рахизын кодтой. Уыдысты дыууæ, сæ иу — æнахъом сывæллон. Дарддæр Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ бадзырдтой. Ирвæзынгæнджытæ машинæ, сæрмагонд гæрзтæй пайдагæнгæйæ, сластой. Фæндаггæттæ фыдбылызæй фервæзтысты, хъыгдард сæ ничи баййæфта.