Рабæрæг сты Паддзахадон фæлварæны фæстауæрцгæнæн бонты хатдзæгтæ
Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæлварæны къамис снысан кодта иумæйаг паддзахадон фæлварæны фæстауæрцгæнæн бонты хатдзæгтæ. 24-æм æмæ 26-æм июлы сæ фыстой математикæйæ æмæ уырыссаг æвзагæй. Профилон математикæйæ фæлварæн конд уыд 2 хайæ æмæ 19 хæслæвæрдæй. Рæстæгмæ йæ фыстой 3 сахаты æмæ 55 минуты. Æппынкъаддæры бæрц, балтæй уыди 27. Фæлварæн радтой 148 адæймаджы. Уыдонæй 49 хæслæвæрдтæ нæ сæххæст кодтой. Æрмæстдæр 5-æн та рауад бæрзонд бæрæггæннæтæ райсын - 81 баллы. Бындурон математикæйы фæлварæн та конд уыди 20 хæслæвæрдæй. 3 сахаты æмгъыдæ йæ хъуамæ ныффыстаиккой рауагъдонтæ. Уым бæррæгæнæн 5 баллæй фылдæр нæ уыд. Афтæмæй фаг уыди 3 дæр. Чи йæ фыста, уыцы 152 адæймагæй, æнтыстджынæй сæхи равдыстой 69-æй. Уырыссаг æвзаджы фæлварæнæн та радих кодтой 3 сахаты æмæ рдæг. Уый æмгъуыдмæ хъуыди 27 фарстæн дзуапп радтын. Фыстой йæ 169 адæймаджы, уыдонæй иттæг хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой 18-æй. Фæлварæнты хатдзæгтæ фенæн ис Иумæйаг Паддазхадон Фæлварæны официалон сайты. Аппеляци кæй хонынц, уый бадæттæн уыдзæн 8 æмæ 9 июлы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рабæрæг сты Паддзахадон фæлварæны фæстауæрцгæнæн бонты хатдзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ