Уыдзæн æви нæ?
Фæсивæд спорты хуызты сæхи кæм фæлварой ахæм бынат хъæуы рагæй нæй. 16 азы бæрц Тарскæйы спортивон зал кæлæццаг уавæры ис. Уый тыххæй хъæуы фæсивæд спортивон секцитæм араст вæййынц Дзæуджыхъæумæ. Фæлæ уый дæр сеппæты бон нæу. Къултæ кæлæтццаг, цар пырх, пъолтæ ныккæлын `вонд, рудзгуытæ састытæ. Ахæм заууат уавæры ис Тарскæйы хъæуы спортивон зал. Ныридæгæн 16 азы бæрц. Хъæуы фæсивæд алыхуызон спортивон секциты архайынмæ араст вæййынц Дзæуджыхъæумæ. Фæлæ сæ ныхæстæм гæсгæ, уый æнцон хъуыддаг нæу. Уымæн æмæ сæ тренировкæ æнафон фæвæййынц. Уыцы рæстæг æхсæнадон транспорт нал фæцæуы. Чермены хуызæн лæппутæ Тарскæйы гыццыл нæй. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг рæстæг адæм уый аххосæй сæ райгуырæн бынæттæй сыстынц æмæ ацæуынц. Ныййарджы фæнды цæмæй сæ сывæллæттæ хуыздæр уавæрты хъомыл кæной. Горæтгæрон районы администраци цы фарста аиварс кæныныл бирæ æзты архайынц. Спортивон зал бындуронæй сцалцæг кæныны хъуыддаг бахауд «Уæрæсейы физкультурæ æмæ спорты райрæзты» федералон программæмæ. Районы администрацийы разамынд Тарскæйы цæрджытæн ныфс æвæрынц, ацы аз спортивон фæз кæй сараздзысты,уымæй. Уæд фæсивæдæн фадат уыдзæн спорты алы хуызты сæхи кæй фæлвардзысты. Бынæттон цæрджытæ уыцы зæрдылдарæн ныхæстыл нал æууæндынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы ныхæстæ рагæй хъусынц. Фæлæ сын сæ фарста аиуварс кæнынмæ ничи тагъд кæны. Хъуысаты Мæдинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уыдзæн æви нæ?
Категория:
Новости и СМИ