Æндæр гæнæн нæй
Арбитражон тæрхондоны абон ныхас кодтой тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæйы управленийы курдиатыл. Бæлвырддæр та - æххæстгæнæн документ æмæ заводы дарддæры куыстыл. Раздæр куыд хъусын кодтам афтæмæй пъырыстыфтæ бадомдтой æххæстгæнæн гæххæттыты мидис бамбарын кæнын. Ома, дам, кæд завод хъæугæ домæнтæ не `ххæст кæны, уæд æй сæхгæнæн ис æви нæ, зæгъгæ. Тæрхондон не сразы уыцы курдиатыл. Куыд фæбæлвырд кодтой, афтæмæй куыстуат федералон цæстдарæн оргæнтæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы 'хсæн бадзырды домæнтæ æнæмæнг хъуамæ сæххæст кодтаид. Фæлæ афтæ дæр ницы сарæзтой. Абон уыцы бадзырды æмгъуыд кæронмæ æрхæццæ, уымæн æмæ æххæстгонд не `рцыд. «Электроцинчы» разамынд хъуамæ заводы алфамблай рацарæзтаид санитарон-хъахъхъæнæн фæзуат. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Электроцинчы» ныхмæ æххæстгæнæн хъуыддаг байгом кодтой 29 ноябры 2018 азы. Æмбырды уыдысты нæ горæты администрацийы кусджытæ, фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæн управлени, Ростехцæстдарды минæвæрттæ æмæ заводы разамынд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æндæр гæнæн нæй
Категория:
Новости и СМИ