Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады ног кæнынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Ацы аз ма уыцы национ проектмæ гæсгæ, цалцæг кæнын райдайдзысты Алагиры районы дондзæуæн хæтæлтæ. Уымæ цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц. Газуадзæн хæтæлтæ дæр ивд цæуынц. Ацы аз хъуамæ кæронмæ арæзт фæуой Ларс, Мæцутæ, Задалеск, Даскъоф, Æрыдон æмæ æндæр горæтты æмæ хъæуты цы газы хæтæлтæ цæуынц, уыдон. Уæрæсейы арæзтад æмæ архитектурæйы министрадмæ арвыстой сæрмагонд гæххæттытæ, цæмæй хауæццæгтæ кæм сыгъдæг кæнынц, ахæм бынат саразой Беслæны. Экспертизæ дæр ацыдысты. Куыстытæм бавналдзысты ацы аз. Экологийы национ проекты иу дæл программæ ма «Хъæбæр коммуналон хауæццæгтимæ сæрмагонд куыст». 2019 азы хауæццæгтæ æмбыргæнæн куыст йæхимæ райстой дыууæ регионалон опреаторы. Иу - «Эко-Альянс», иннæ «Чистый город». Иумæ сбæлвырд кодтой куысты ног системæ, æнæзакъонæй цы бырондæттæ-иу фæзынд, уыдон-иу аиуварс кодтой. Сæ нымæц ивгъуыд аз 40-мæ схызт. Иууылдæр сæ ссыгъдæг кодтой, фæлæ ма ацы аз цæуыл бакусой, уый дæр ис æмæ уыдзæн. Фæлæ, профилон министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ног регионалон оператор ныр у «Спецэкосервис». Дарддæр æххæст кæнынц Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты капиталон рацарæзты программæ. 2019 азы бындуронæй сцалцæг кодтой 77 бирæфатерон хæдзары. Уыдонæй 10 сты Мæздæджы районы. Сæ цæрæн бынæтты уавæртæ фæхуыздæр кодтой 14 мин адæймагæй фылдæр. Скуыстой 133 ног лифты, уый дæр сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад ма æнтыстджынæй æххæст кæны национ проект «Жилье æмæ городская среда», зæгъгæ. Хауы йæм кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæ. 2019-2020-æм азты пъланмæ гæсгæ, ног цæрæнбынæттæй фæхай кæндзысты 54 бинонтæн æмæ 123 адæймагæн. Дзæуджыхъæуы 3 кæлæддзаг хæдзары цæрджыты ногтæм раивтой. Программæйы иумæйаг бюджет 87 милуан сомы у. «Горæты æнцонвадат цардархайд»-ы федералон программæйы фæрцы та хъæуты æддаг бакаст хуыздæры рдæм ивы. 2019 азы банывыл кодтой 61 хæдзары кæрты æмæ 17 æхсæнадон бынаты. Схардз сыл кодтой 236 милуан сомы. Æппæты егъаудæр объектыл нымад у - Дзæуджыхъæуы сæйраг парк. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады ног кæнынц

Категория:

Новости и СМИ