45 азы абон æххæст кæны чырæ телефоныл
45 азы абон æххæст кæны … чырæ телефоныл. Йæ гуырæн боныл нымад у 3 апрель. 1973 азы «Motorola»-йы сæйраг инженер - Мартин Куперæн фыццаг хатт рауад чырæ телефонæй адзурын. Фаццаг хатт бадзырдта йæ зонгæмæ. Уæд чырæ телефоны уæз 1килæйæ фылдæр уыди. Йæ дæргъ - 22 см, йæ уæргъ та - 4 см. Йæ аккумулятор сахаты æрдæг йеддæмæ нæ куыста, 10 сахаты та йæ æлектрон тыхæй æфсадын хъуыдис. Ныртæккæ æнæ чырæ телефонтæй иу адæймаг дæр нал арæхсы. Кусын дзы сси æнцон æмæ пайдаджын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
45 азы абон æххæст кæны чырæ телефоныл
Категория:
Новости и СМИ