Национ науком чиныгдоны ацыд семинар «Единые стандарты Кавказского гостеприимства»
Национ науком чиныгдоны ацыд семинар «Единые стандарты Кавказского гостеприимства»
«Кавказаг уазæгуарзондзинады иумæйаг стандарттыл» æрдзырдтой семинары рӕстӕг Дзæуджыхъæуы. Сæрмагондæй ныхас цыд фысымуæтты арæзтад, туроператорты æмгуыстад, къабазы кусджыты цæттæдзинадыл. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ ахъаз сты туристтæн бæрзонд æмвæзадыл лæггæдтæ кæнынæн. Кавказаг уазæгуарзондзинады иумæйаг стандарттæ сфидар кодтой проект «Кавказ Gran Turismo»-йы уæнгтæ. Архайынц дзы фысымуæтты æмæ хæрæндæтты хицæуттæ, туроператортæ æмæ турагенттæ, экскурсион компанитæ. Ахуырадон семинартæ арæзт æрцæудзысты Цæгат Кавказы федералон зылды æппæт регионтæ æмæ республикæ Адыгейы. Дзуапдæттæг комитеты сæрдар Дзæрæхохты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, туристты нымæцы рæзты хатдзæгтæм гæсгæ Цæгат Ирыстон ис раззагдæрты 'хсæн.