Цæгат Ирыстоны 2019 азы тæрхондон æрдомдта фæлхасгæнджытæй 750 милуан сомы хæс
Цæгат Ирыстоны 2019 азы тæрхондон æрдомдта фæлхасгæнджытæй 750 милуан сомы хæс. Сæ фылдæр хай хъуамæ бафидой хъармгæнæн хызы куыстуæттæ. Хи æгъдауæй газ чи бауадзы, уыцы закъонхалджыты ныхмæ та «Газпром межрегионгаз Владикавказ» фæаразы рейдтæ. Закъонхалджыты рабæрæг кæнынц тæрхондоны пъырыстыфты управленийы кусджытимæ. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ ахст æрцыд хæсджынты исбон - 450 милуан сомæн. Цæмæй хæстæ рæзгæ нæ, фæлæ ма къаддæр дæр кæной, уый тыххæй сæ бæрнон кусджытæ архайынц сæ фидынæн ног фæтк снысан кæнын. Æххуысы къух бадарынц фæкæсинаг бинонтæм, къабазы куыст та снывыл кæнынц. Хæсæй 178 милуан сомы ныридæгæн фыст æрцыд. Æрдзон газæн 30 мин сомæй фылдæр чи дары, уыдоны ныхмæ пъырыстыфтæ сарæзтой сæрмагонд акттæ. Æдæппæтæй 3 538 адæймагæн Уæрæсейы федерцийæ фæсарæнтæм ацæуыны бар нæй. Бæлвырддæр та куыстуат «Газпром межрегионгаз Владикавказ»-ы генералон директор Хъодзаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй хæсы нымæц ахызт 185 милуан сомы сæрты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 2019 азы тæрхондон æрдомдта фæлхасгæнджытæй 750 милуан сомы хæс
Категория:
Новости и СМИ