90 æппæтадæмон цæстдарæджы кусдзысты Цæгат Ирыстоны президенты æвзæрстыты рæстæг
90 æппæтадæмон цæстдарæджы кусдзысты Цæгат Ирыстоны президенты æвзæрстыты рæстæг. Уый тыххæй фехъусын кодтой æхсæнадон палатæйы æмбырды. Йæ архайджытæ æрдзырдтой æвзарæн кампанийы тыххæй, скодтой хатдзæгтæ ныртæккæйы электоралон къæпхæнæн. Хъæлæс кæнынмæ сæхи цæттæ кæнынц бæстонæй. Бафыстой бадзырдтæ æхсæнадон организацитимæ. Уыдонæй дзы кусдзысты 900 цæстдарæгæй фылдæр. Ныридæгæн сын сарæзтой 16 семинары. Цæстдарæг суæвыны фадат ис, кæй фæнды, уыдонæн се 'ппæтæн дæр. Уый тыххæй хъæуы æрмæст курдиат бадæттын официалон сайты.