Зындгонд скульптор Гадаты Лазарыл сæххæст уыдаид 85 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

35 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Зындгонд скульптор Гадаты Лазарыл сæххæст уыдаид 85 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

35 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

35 просмотров

3 года назад

Æгæрон курдиаты хицау, æцæг гений, æгас дунейыл зындгонд скульптор Гадаты Лазарыл хъуамæ сæххæст уыдаид 85 азы. Уый никуы тарст эксперименттæй, нымад уыд ног хъуыдытыл хæст адæймагыл. Сфæлдыстады йын сæвзæрд йæхи, æмбал кæмæн нæй, ахæм къухæвæрд. Йæ куыстытæ дæр ын уымæй базонынц. Фенæн сæ ис алы бæстæты музейты. Скульптор Гадаты Лазарь райгуырд Сырх-Дыгуры. Аивад бауарзта хæрз чысылæй. Йæ фыдмæ кæсгæйæ хъæдæй нывæфтауын ахуыр кодта. Скъолайы фæстæ та бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ. Уым базонгæ ис зындгонд скульптор Дзбойты Михалимæ. Хорз хæлæрттæ сæ рауад. Бирæ азты фæстæ дæр Михал йе 'мбалы тыххæй æхсызгонæй дзуры. Æрыгонæй Гадаты Лазарь фыста радзырдтæ. Уыдон мыхуыры цыдысты журналты. Институты фæстæ ацыд Мæскуымæ. Уым каст фæци Василий Суриковы номыл паддзахадон аивадон институты скульптурæйы факультет. Лазарь нымад у йæ рæстæджы ног хъуыдытыл хæст адæймагыл. Уæндон æмæ, æмбал кæмæн нæй, ахæм куыстытæм дæр-иу йæ ныфс бахаста. Йæ алы куысты фенæн ис бирæ æнустыты традицитæ æмæ культурæ. Уæлдай цæстдард здахы мифологи æмæ Нарты кадджытæм. Йæ куысты рæстæг ын сæвзæрд йæхи сæрмагонд къухæвæрд æмæ националон стилистикæ. Уый дæр иу боны куыст нæ уыд, фæлæ дæргъвæтин сфæлдыстадон агуырдты æмæ гениалон хъуыдыты хатдзæг. 78-æм азы сси Будапешты æппæтадæмон æркасты лауреат. Йæ куыстытæй иу та ныр дæр ма аив кæны Делийы культурæ æмæ наукæйы хæдзар. Лазарæй иу чысыл лыстæгдзинæдтæ дæр нæ аивгъуыдысты. Хорз-иу æмбæрста иннæ адæмы æнкъарæнтæ, сæ миддуне. Иттæг раст сæ-иу базыдта равдисын йæ куыстыты. Уæдæ йæхи хъуыдытæ æмæ мæт дæр афтæ. Уымæ гæсгæ-иу бирæтæ йæ куыстыты федтой æрмæст рæсугъд цæсгæмттæ æмæ фæлгонцтæ нæ, фæлæ-иу базыдтой удæгас адæмы алыхуызон æнкъарæнтæ. Арфмидисджын, сусæггаг æмæ, æмбал кæмæн нæй, уыцы куыстытæ дисы æфтауынц абон дæр, мысын кæнынц сæ авторы чысыл райгуырæн зæхх. Гадаты Лазары скульптурæтæ фенæн ис бирæ дунеон музейты Америкæ, Германи æмæ Францийы, стæй хицæн адæймæгты коллекциты дæр. Уæдæ Павел Третьяковы галерей, Петербурджы паддзахадон уырыссаг музейы дæр сты. Æмæ уый æппæт номхыгъд нæу. Нывгæнджыты цæдисы уæнг хорзæхгонд æрцыд Ирыстоны намысы орденæй. Лазарь никуы тырныдта уымæ, цæмæй йæ ном æгас бæстæйы хъуыстгонд уа, цæмæй йæ адæм зоной. Сфæлдыстад уарзта æмæ архайдта нæ дуне зæрдæхæлардæр æмæ рæсугъддæр скæныныл. Биджелты Бертæ

, чтобы оставлять комментарии