Цæгат Кавказы Суворовы номыл æфсæддон училищæйы сбæрæг кодтой фæстаг дзæнгæрæджы бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

73 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Цæгат Кавказы Суворовы номыл æфсæддон училищæйы сбæрæг кодтой фæстаг дзæнгæрæджы бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

73 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

73 просмотра

3 года назад

Абон Цæгат Кавказы Суворовы номыл æфсæддон училищæйы уыд фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбон. Дарддæр рауагъдонтæ дæтдзысты фæлварæнтæ. Стæй райдайдзæн сæ царды æндæр къæпхæн. Алчидæр сæ фæнд кæны æфсæддон дæсныйад равзарын. Уымæ сæ къорд азы æвæллайгæйæ фæцæттæ кодтой сæ хъомылгæнджытæ. Лæппутæ ацы ран æмрæнхъ фæстаг хатт ралæууыдысты. Къорд азы ам фæахуыр кодтой. Ныр та дарддæр акъахдзæф кæндзысты царды уæрæх фæндагыл. Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбоны фæдыл сын арфæйы ныхæстæ ракодтой сæ хъомылгæнджытæ. Бафæдзæхстой сын, дарддæр дæр раст фæндагыл куыд цæуой æмæ æнтыстджын куыд уой. Кадджын мадзалы ахуыргæнджыты схорзæхджын кодтой майдантæй, Суворовы номыл Цæгат Кавказы училищæйы рауагъдонты та - Кады гæххæттытæй. Бузныджы ныхæстæ училищæйы æппæт кусджытæн дæр загътой ныййарджытæ. Арфæ сын кодтой, æвæллайгæйæ æмæ зæрдиагæй кæй ахуыр кодтой сæ сывæллæтты. Училищæйы суворовонтæ райстой бындурон æфсæддон цæттæдзинад. Практикæйы ахуыр кодтой хæцæнгарзӕн йӕ арæзт, куыд архайын хъæуы йемæ, уый. Ӕхсгæ дæр дзы кодтой. Абон та уыцы арæхстдзинад равдыстой. Училищæйы райстой бирæвæрсыг зонындзинæдтæ. Уыдон сæ бахъæудзысты сæ фидæны дæсныйады. Цавæр сын уыдзæн, ууыл ацы лæппутæй ничи дызæрдыг кæны. Рауагъдонтæ иууылдæр фæнд кæнынц сæ цард æфсæддон хъуыддагимæ сбæттын. Дæрддæр фæсивæдмæ æнхъæлмæ кæсынц фæлварæнтæ. Сæ ахуыргæнджытæ сыл сæ зæрдæтæ дарынц, хъуамæ сæ хорз радтой. Фидæны дæр сæм æнцон фæндаг не 'нхъæлмæ кæсы, уымæн æмæ ахæм дæсныйад равзæрстой. Фæлæ сты цæттæ. Хуыздæр цардмæ сæрбæрзондæй æвæрынц æмраст æмæ уæндон къахдзæф. Суворовы номыл училищæйы сæ куыд сахуыр кодтой, афтæ. Биджелты Бертæ

, чтобы оставлять комментарии