Хъæбæлоты Руслан азарыд, Хъаспийы денджызы уылæнты лæугæйæ
Хъæбæлоты Руслан йæ куысты фæдыл ис дагестайнаг горæт Избербашы. Ацы ран та, куыд æй зонут, афтæмæй йæ фæлмæн уылæнтæ зæххыл тауы Хъаспийы денджыз. Нæ артисты зæрдæ сæм афтæ бахъазыд, æмæ йæхи нал баурæдта. Æд официалон уæлæдарæс доны балæууыд. Раст зæгъгæйæ, фыццаг æй куы федтам, уæд нæм афтæ фæкаст, æмæ монтажгонд кадртæ сты. Фæлæ Русланæн йæхиимæ куы аныхас кодтам, уæд басаст, æцæгæйдæр донмæ æд галстук кæй багæпп кодта, ууыл. Уæвгæ, æрмæст ныххуылыдз уæвыны тыххæй дзы нæ бараст. Акодта дзы, адæм кæй зонынц, Муслим Магомаевы уыцы зындгонддæр зарджытæй иу. Ныртæккæ йæ фехъусдзыстут. Фæлæ йæ куы нæ фехъуыстаиккат, уæддæр цас зын базонæн уыдис, иугæр Руслан денджызы уылæнты астæу лæууы, уæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæбæлоты Руслан азарыд, Хъаспийы денджызы уылæнты лæугæйæ
Категория:
Новости и СМИ