«Россети Северный Кавказ» кусы электрон тыхы объекттæ бахъахъхъæныныл
«Россети Северный Кавказ» Цæгат Ирыстоны электрон тыхы объекттæ бахъахъхъæнынæн аразы уæлæмхасæн мадзæлттæ. Цæмæй æнæкъуылымпытæй кусой, уый тыххæй сæрды мæйты куыстуаты аразынц энергетикон кусæнгæрзты зынгсирвæзты ныхмæ æппæт хъæугæ мадзæлттæ. Электрон тыхдæттæг телтæ бахъхъахъæнæн ис къутæртæ, хус кæрдæг æмæ, æнцонтæй чи ссудзы, ахæм хауæддзæгтæй сæ ссæрибар кæнгæйæ. Уыцы куыст æнтыстджынæй ахады хъæды зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныныл дæр. Куыстытæ æххæст кæнынц сæрмагонд пъланмæ гæсгæ, нырыккон техникæйæ пайда кæнгæйæ. Зынгсирвæзтæй уæлдай ма уыцы куыст стыр æххуыс у бæлæстæ телтыл ахауынæй бахъахъхъæнынæн. Афæдзы райдианæй фæстæмæ хайады специалисттæ бакуыстой 15 гектары фæзуатыл. Дæлстанцæты кусджытæ сæ цæст дарынц кусæнгæрзтæм, трансформатортæ æмæ, зынгсирвæзтæй тæссаг цы гæрзтæн у, уыдонмæ. Ссыгъдæг сæ кодтой хус кæрдæгæй. Уымæй уæлдай ма, бафæлвæрдтой зынгсирвæзт ахуыссын кæныны кусæнгæрзтæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Россети Северный Кавказ» кусы электрон тыхы объекттæ бахъахъхъæныныл
Категория:
Новости и СМИ