Фысымуат æви цæрæн хæдзар?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Фысымуат «Коммунальник»-ы цæрджытæ сæ бартæ бахъахъæныныл дарддæр хъæддыхæй лæууынц. 2003-æм азы æмдзæрæнæй рацарæзтой фымысуат. Адæмы бахъуыдис, кæм цæрынц, уыцы агъуыстытæн фысымуаты домæнтæм гæсгæ фидын. Мæймæ 4-6 мины. Ныр ам 200 адæймагæй фылдæр цæры æмæ хъаст кæнынц. Фидæм, æмæ, дам, не `хца — дон хиды бынты цæуæгау. Сæ хæстæ сæ сæрты акастысты. Цæмæн афтæ рауад, зæгъгæ фарстæн дзуапп агургæйæ фæгуырысхо сты фысымуаты сæргълæууæгыл. Ныр сæ фæнды, цæмæй разамонæджы барты аккаг адæймаджы сæхи `хсæнæй равзарой. Адæм ногæй раивылдысты фысымуат «Коммунальник»-ы цурмæ. Рæстæг — изæры 8 сахаты. Æмæ кæд рухсы цъырт никæцæй уал кæлы, уæддæр адæм сæ хæдзæрттæм тагъд нæ кæнынц. Æрбацыдысты сæ хъуыддаджы фæдыл æмæ хъæддых лæууынц. Мэри Битарова: «Цы æхцайæ мын æххуыс кæнынц, уый нал ис. Пенси мын нал фидынц. Цалдæр мæйы йæ уынгæ дæр нæ кæнын. Стæй та мæм ногæй тæрхондонæй фæдзырдтой. Уынгмæ ма ратардтой». Бынæттон цæрджытæн сæ фылдæр хæсты бын фесты. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ ацы адæмæн æнæ хæдзарттæй аззайын тæссаг у. Фæлæ уыцы хæстæ кæцæй сты? Адæм хъаст кæнынц. Сæ цæрæн бынæтты разамынды куыст сæ зæрдæмæ æппындæр нæ цæуы. Залина Скодтаева: «Мах фæндыди, цæмæй хицауады бынат бацахса кæй зонæм ахæм адæймаг. Цæмæй йемæ кусын æнцондæр уа. Цæмæй йæ зонæм не хцатæ кæдæм цæуынц, уый. Иумæ æрныхас кодтаиккам æмæ уæд зындзинæдтæ дæр аиуварс кодтаиккам. Дзуаппагур цал азы цæуæм. Дуæрттæ хойæм. Закъонтæ ахуыр кæнæм. Тæрхондæттæй нал цæуæм. Мæгуыр пенсиисджытимæ тох кæнæн куыд ис?» Цæрджытæ кæд лæггæдтæн фидынц, уæд ма хæс цæмæ дарынц? Хъуддаг та афтæ у — цыбыр рæстæгмæ фысымуат раивта цалдæр хицауады. Афтæмæй финансон хъуыддæгтæ сбæлвырд кæнынц зын у. 3 мæйы та ацы бæстыхайæн хицау нæй. Цæрджытæ дзуаппагурта кæдæм нæ фæцыдысты, ахæм ведомствæ зын æрхъуыды кæнæн у. Ацы хатт сæм æрбацыдысты нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Сохъырты Альберт æмæ Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Æрæджы фысымуаты хицауæй сывæрынмæ хъавыдысты Солтанты Луизæйы. Уыцы бынатæн аккаг кандидат у, ууыл цæрджытæ дызæрдыг кæнынц. Бæрнон кусджытæ дæр сылгоймаджы гæххæттытæм æркастысты. Фæлæ йæм разамонæджы куысты фæлтæрддзинад кæй нæ разынд, уымæ гæсгæ рахастой уынаффæ — разамонæгæй кусыны бар ын нæй Стыр хæстæ æмæ разы кæмæй не сты, ахæм хицауад. Фарстатæн уæддæр дзуæппытæ нæй. Фадзайты Æхсарбег зæрдæ бавæрдта ацы хъуыддагмæ йæхæдæг лæмбынæг йæ цæст кæй дардзæн, уымæй. Нырта уал цæрджыты хъæуы æрмæстдæр æнхъæлмæ кæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фысымуат æви цæрæн хæдзар?

Категория:

Новости и СМИ