«Æфсæддон æмæ фæллойы намысы горæт»
«Æфсæддон æмæ фæллойы намысы горæт» номæй схорзæхджын кæндзысты Фашистон Германийы ныхмæ цы горæттæ тох кодтой, уыдоны. Ахæм закъоныпроекты хъæппæрис бахастой республикæйы парламенты уæнгтæ. Депутатты ныхæстæм гæсгæ, ацы горæтты цæрджытæ хæсты уæз сæхиуыл банкъардтой. Уыдон фронтмæ æрвыстой æфсæддон техникæ, хæцæнгарз, хойраг. Уымæ гæсгæ сты кадджын ном хæссыны аккаг. Номхыгъды Садоны шахтертæ. Уыдон зын уавæрты фронтæн амал кодтой æрхуы, зды æмæ цинк. Парламенты Советы уæнгтæ рахæцыдысты федералон закъонмæ ивддзинæдтæ баххæсыны фарс. Уый руаджы социалон къабазы кусджытæн тарнизы ныхмæ тох кæнынмæ бакæндзысты хъæугæ æххуыс. Сæ хæдтулгæты техникон уавæр сбæрæг кæнынæн фæкæсдзысты æхцайы фæрæзтæй æмæ æндæр хъæппæристæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Æфсæддон æмæ фæллойы намысы горæт»
Категория:
Новости и СМИ