Цæгат Ирыстоны иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй, Иван Ярыгины номыл турнирмæ бæстонæй цæттæ кæн
Цæгат Ирыстоны иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй, Иван Ярыгины номыл турнирмæ бæстонæй цæттæ кæны. Æппæтадæмон турнир Красноярскы куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр байгом кæндзæн афæдзы спортивон цауты хыгъд. Ерыстæ цæудзысты 24-æм æй 29-æм январьмæ. Нæ республикæйы кад дзы хъахъхъæндзысты 35 спортсмены. Сæйраг тренер Кцойты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, командæ хорз цæттæгонд у. Спортсментæ сæхиуыл куыстой тренировкæты æмбырдты. Ныртæккæ та цæттæ кæнынц ныхмæлæудтæм. Иван Ярыгины турнир у æвзарæн къæпхæн Европæйы чемпионатмæ. Уæвгæ богæлттæн ацы аз у тынг вазыгджын. Апрелы райдайдзæн Уæрæсейы чемпионат. Уæлахиздзаутæн фадат уыдзæн 33-æм сæрдыгон Олимпаг хъæзтыты бацархайынæн Парижы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Æппæтадæмон олимпаг комитет уæрæсейаг спортсментæн бар радта гауызмæ нейтралон тырысаимæ рацæуын. Иван Ярыгины кубокы нæ архайдзæн нæ командæйы раззагдæр спортсмен Сидахъаты Зауырбег.