Чи сæрæндæр?
Цæгат Ирыстоны 200 сывæллонæй фылдæр архайынц шахмæтты ерысты. Райдыдтой абон, сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары. Ерыс кæнынц сæ кармæ гæсгæ: 9, 11, 13, 15, 17 æмæ 19-аздзыд шахматисттæ. Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Игорь Хрипковы ныхæстæм гæсгæ, ацы турнир нæ республикæйы æппæты стырдæр у. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты зæрдылдарæн майдантæй æмæ кубоктæй. Уымæй уæлдай ма уæлахиздзаутæн фадат уыдзæн сæ арæхстдзинад Цæгат-Кавказы зылды ерысты равдисын. Уым чи рамбула, уыдон та архайдзысты Уæрæсейы ерысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи сæрæндæр?
Категория:
Новости и СМИ