Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты æркаст
Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты æркаст
Куысты хи дæсныйæ равдисын æмæ фæлтæрддзинадæй де 'мкусджытæн фæхай кæныны нысанимæ Дзæуджыхъæуы 47 -æм скъоламæ æрбамбырд сты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ. Сарæзтой сын профессиналон æркаст. 10 ахуыргæнæджы бацæттæ кодтой дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, æрмæг хуыздæр сывæллæттæн куыд бамбарын кæнын хъæуы, стæй скъоладзаутимæ куыд кусгæ у, уый тыххæй. Æркасты архайдтой республикæйы районтæй ахуыргæнджытæ. Иу педагог та æрбацыд Лабæйæ Хъæрæсе-Черкессийæ.