Дæуджыхъæуы цы район сцалцæг кæнын хъæуы уый фæдыл æвзæрстытæ ахицан сты
Дæуджыхъæуы цы район сцалцæг кæнын хъæуы уый фæдыл æвзæрстытæ ахицан сты. Горæты цæрджытæ хъæлæс кодтой дыууæ бынатыл - Сæйраг парк æмæ Терчы былгæрон. 125 æвзарæн хайады байгом сты райсомы 8 сахатыл, æмæ сæ куыст фесты дыууæ сахаты размæ. Цы бынат барæсугъд кæндзысты, уый равзарын алкæй бон дæр уыди. Хъæлæс кæнынмæ æрбацыд Битарты Вячеслав дæр. Уый равзæрста Сæйраг парк. Фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, цалцæгкæнинаг сты дыууæ бæстыхайы дæр. Ныртæккæ та ахсджиаг у, цæмæй цы æхцайы фæрæзтæ радих кодтой, уыдон хъуыддагыл хардзгонд æрцæуой, стæй куыстытæ куыд æмбæлы афтæ конд уой. Зæгъын ма хъæуы, уый æмæ æвзæрстыты хатдзæгтæ бæрæг нæма сты. Цы бынат цалцæггонд æрцæудзæн уый базондзыстæм райсом. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дæуджыхъæуы цы район сцалцæг кæнын хъæуы уый фæдыл æвзæрстытæ ахицан сты
Категория:
Новости и СМИ