Ног хæдзары уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Ног хæдзар, фæлæ йæ аиппытæ та - фагæй фылдæр. Æртæ азы размæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæйы фæлгæты адæм æрцардысты ног хæдзары Беслæны. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Афæдз йеддæмæ нæма рацыд, афтæмæй къултæ хъуынайы бын фесты, дондзæуæн хæтæлтæ ранæй-рæтты атыдтой. Электрон тыхы телтæн дæр уæдæ сæ цæхæртæ алырдыгæй акæлынц. Цæмæн афтæ рауад, аххосджын чи у æмæ ма цæмæй тыхсынц адæм, уый базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Ацы фатертæ бындуронæй куы сцалцæг кодтой, ууыл æртæ азы дæр нæма рацыд, афтæмæй та йæм хъæуы ногæй базилын. Гасситы Фатимæ хъуына къултимæ алы бон дæр тох кæны. Бинонты æртæ сывæллоны ис. Хæдзары бынæй цы уымæл цæуы, уый се `нæниздзинадыл фæзынд. Къæвда бон уæрм донæй байдзаг вæййы. Сæ хъизæмæрттæ, бæргæ, ууыл кæуы фæуиккой... Хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц - сæ сывæллæттæ кæм хъазой, уый нæй. Сæхи кæм аирхæфсой, ахæм бынат сабитæ сæхæдæг фæагурынц. Бирæуæладзыгон бæстыхайы алфамблай хæмпæлгæрдæджы бын фæци. Адæм тæрсынц калм æмæ уырытæй. Районы администрацийæн сæ сагъæссæгтæ радзырдтой, фæлæ сын ныронг афтæ дæр дзуаппдæттæг нæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй Дзæрæхохы-фырты номыл уынджы бирæфатерон хæдзарæн ис разамынддæттæг компани. Июнæй фæстæмæ хæдзар йæ бæрны ис. Компанийы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзары цæрджытæ компанийы лæггæдтæн нæ фидынц. Сæ уавæр дæр, дам, уымæн ахæм у. Пъадвал доны бын кæй фæцис, уый та кæнынц арæзтадон компанийы аххос. Фыстæг сæм арвыстой, цæмæй хъæндзинæдтæ аиуварс кæной. Рухсытæ сæвæрын æмæ сывæллæттæн хъазæн фæзуат саразынæн та сын баххуыс кæндзæн районы администраци. Разамынддæттæг компани сиды хæдзары цæрджытæм - цæмæй сæ уавæр хуыздæрырдæм аива, уый тыххæй сæ хъæуы фиддонтæ алы мæй дæр фидын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ног хæдзары уавæр

Категория:

Новости и СМИ