Ирон дизайн
Æхсызгон хъусынгæнинаг, национ хуызы дзаумæттæ чи уарзы, уыцы адæмæн. Канцелярон дзаумæттæ ирон символикæимæ ныр ис балхæнын, æрæджы Дзæуджыхъæуы цы ног дукани байгом, уым. Хъуыддаг сарæзтой рауагъдад «Перо и Кисть» æмæ хæрзаудæн фонд «Арт хур». Ахæм фадат сын радта сæ фæлтæрддзинад. Дыууæ азы размæ ма рауагътой тетрæдтæ æмæ боныгтæ Хетæгкаты Къостайы сурæтимæ æмæ Нарты кадджыты фæлгонцтимæ. Дуканийы хицæуттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ продукци хорз уæй кæны. Дарддæр фæнд кæнынц рапарахат уæвын. Ныридæгæн ма дзы балхæнæн ис уæлæдарæс дæр национ символикæимæ. Ууыл, куыд зæгъынц, афтæмæй не `рлæудзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирон дизайн
Категория:
Новости и СМИ