Игорь Гмыза кусы Национ телекомпанийы амонджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Мæскуыйы паддзахадон университеты журналистикæйы уæлдæр скъолайы ахуыргæнæг Игорь Гмыза национ телеуынынады амонджытæн сарæзта дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Кадры хи куыд дарын хъæуы, раст куыд дзургæ у æмæ аив дзырды сусæгдзинæдтæ... Дыууæ къуыримæ Игорь Гмыза йæ фæлтæрд æмæ зонындзинæдтæ æрыгон журналисттæн не `вгъау кæндзæн. Ахуыргæнæг алцыдæр йæхимæ фæбæрæг кæны, стæй æрыгæттимæ иумæ лæмбынæг æркæсынц æмæ æрдзурынц алы хъуыддагыл. Равзарынц, æрмæджытæ æмæ программæтæ куыд конд сты, уымæ, стæй фылдæр æргом цæмæ аздахын хъæуы. Æрыгон журналисттæ йæм зæрдиагæй хъусынц. Сæ кармæ гæсгæ йæ бирæтæ нæ хъуыды кæнынц, фæлæ йын йæ куыстмæ бакæсынц интернетæй. Телевизормæ кæсджытæ дæр æй хъуыды кæндзысты. 90-æм азты фыццаг каналы уыд программæ "Время"-ы амонæг. Мæскуыйаг специалист телеуынынады кусы 25 азы бæрц. Æмбарын æй, дæсныйады сусæгдзинæдтæ нырма арф кæй не `мбарынц, уый. Мæнæй цы аразгæ уа, ууыл бацархайдзынæн. Баххуыс сын кæндзынæн æмæ мæ зæрдæ дардзынæн, не `мгуыстад æнтысджынæй кæй ацæудзæн. Уыдон дæр кусынц æмæ зæрдиагæй сæхи фæлварынц. Уырны мæ, фидæны сæ алчидæр иттæг дæсны кусæг кæй уыдзæн, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Игорь Гмыза кусы Национ телекомпанийы амонджытимæ

Категория:

Новости и СМИ