Адæмон куыстæн адæмон ном
Цæгат Ирыстоны транспорт æмæ промышленносты министрады специалисттæ бахастой хъæппæрис, цæмæй æрмдæснытæн лæвæрд цæуа сæрмагонд ном «мастер народных промыслов», зæгъгæ. Ахæм хуызы ацы куыст чи кæны, уыдон исдзысты æмбæлгæ æххуыс, уыимæ нæм гæнæн ис, æмæ ног специалисттæ дæр фæзына. Ацы хъуыды сæххæст кæныны тыххæй министрады бакуыстой проектыл. Тагъд рæстæджы йæ равдисдзысты нæ республикæйы хицауæдæн. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Зынаргъ згъæртæй конд дзаумæттæ канд сылгоймæйгты æмæ æрыгон чызджыты хуыздæр хæлæрттæ не сты, афтæ хъуыды кæны зæрингуырд Гæджиты Алан. Уыимæ зæгъæн ис,æмæ йæм ацы куыстмæ йæхи цæстæнгас ис. Йæ куыстытæ та иннæтæй хицæн кæнынц. Йæ сыгъзæрин къухтæй кæны традицион нывæфтыдтæ, зæдты æмæ дауджыты сурæттæ. Ныртæккæ æрмдæсны кусы зæронд кусæнгæрзтæй, уæдæ цы агъуысты кусы, уый дæр ног зынтæй схондзынæ. Æрæджы райста аивадон дзаумæтты дæсныйы ном. Ны гæнæн ис, æмæ йæ бон бауа ног бæстыхаймæ рацæуын дæр. кусæнгæрзтæ балхæнын дæр. Фæнды йæ æрмадз дæр фестырдæр кæнын. Алан Гæджиты: «Æппынæдзух куысты бынат раив-баив кæнын, уый бынтон хорз нæу. Аивадон куыст къуылымпы кæны, уæдæ цымыдисаг дзаумæттæ кæнын дæр ахæм уавæрты зын у. Мæ хъуыдытæ иуылдæр хцаимæ баст сты. Зæрдæ дарын, тагъд рæстæджы уавæр кæй аивдзæн, ууыл». Аланы фæнды нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм ног кусæнгæрзтæ балхæнын.Уыцы хъуыддагимæ дæр стыр ныфсытæ бæтты.Æмæ кæд гæрзтæ зынаргъ сты,уæддæр сæ фæрцы куыст тагъддæр цæуы.Зæронд гæрзтæй пайдагæнгæйæ 30 минуты цы куыстæн бахъæуы, уый ног кусæнгæрзты фæрцы бакæнæн ис цæсты фæныкъуылдмæ - 2 минутмæ.Уæдæ цæмæй нырыккон æмæ хæрзхъæд даив дзаумæттæ скæнай, уымæн дæр гыццыл фæрæзтæ нæ хъæуы.Зæгъæм, лазерæй æндадзæны аргъ иу милуан сомы бæрц у. Фæлæ йæ фæрцы куыст 15 хатты тагъддæр цæуы. Раздæр та иу алы дзаумайы тымбылæг дæр кæрæдзиуыл ныхæстой газæй чи кусы, ахæм судзæнæй. Уæдæ, Бырнацты Дианæйы национ куклатæ дæр канд нæ республикæйы хъуыстгонд не сты, фæлæ ма дунейы дæр.Бирæ фæсарæйнаг равдыстытæм йæ, фæлæ йын уырдæм ацæуын не` нтысы. Дианæ ацы куыст иунæгæй нæ кæны, ис ын æххуысгæнджытæ дæр.Уыимæ сæ алкæй дæр фидарæй уырны, се`мгуыстадæн сын æмбæлгæ аргъ кæй скæндзысты, уый. Фæлæ уал уыцы рæстæгмæ,дарддæр дæр зæрдæрайгæйæ ирон куклаты фæрцы адæмы размæ ирондзинад хæсдзысты. Цæмæй нывгæнджыты бæллиццтæ æххæст кæной, уый тыххæй паддзахад аразы алыхуызон уавæртæ. Зæгъæм, сын адæмон аивадон дзаумæтты дæсныты ном раттынц. Транспорт æмæ промышленносты министрады куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй, хуыздæр æрмдæсныйы ном куы райсынц , уæд сын дæр тагъддæр баххуыс кæнынц. Зæгъæм, коммуналон лæггæдтæ бафидынæн, кæнæ равдысттæ æмæ фесттивалтæм ацæуынæн. Хайдарбег Бутов: «Цæмæй субсидиты райсай,уый тыххæй хъуамæ цы дзаумæттæ кæныс,уыдон уой регистрацигонд.Куыстуат дæр хъуамæ закъонмæ гæсгæ фидаргонд уа æмæ куса, уæдæ кусгæ та 10 азæй къаддæр ма хъуамæ кæнай.уыцы домæнтæ иууылдæр æххæстгонд куы цæуой.Уæд электрон тыхæн,газæн,фæндаггон æмæ равдысты цыддæриддæр схæрдз кæна, уымæй йын 90% фæстæмæ ратдзысты». Цæгат Ирыстоны хуыздæр æрмдæсныты нæмттæ райстой 5 адæймаджы. Уыдоны æхсæн куклатæ,хъаматæ, национ уæлæдарæс æмæ инструменттæ чи аразы,уыдон.Ацы мадзал фарстатæ иууылдæр нæ аиуварс кæндзæн,фæлæ дæснытæ айсдзысты пайда сын чи уыдзæн, ахæм æххуыс. Субсидиты æмæ грантты хуызы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Адæмон куыстæн адæмон ном
Категория:
Новости и СМИ