Иу бонмæ - æфсадмæ
Республикæйы скъоладзаутæ бабæрæг кодтой горæтмæ `ввахс æфсæддон хайæдтæй иу. Ахæм фембæлд сын сарæзтой адæмон фронты фæсивæдон хайады уæнгтæ. Ахуырдзаутæн фадат фæцис салдаты уаргъ хиуыл банкъарынæн. Уымæ гæсгæ сын хуымæтæджы цæстуынгæ экскурси нæ рауад. Фæсивæдæн равдыстой хæстонты физикон цæттæдзинады сусæг фæзилæнтæ, суанг ма сын сæ къухы кæрдтæ дæр ныссагътой. Æртхъирæн нæ кодтой ахуырдзаутæ. Фыццаградон медицинон æххуыс бакæнын, æвæджиауы уавæрты æнæ дон, æнæ хойраг æмæ æнæ цæрæнуатæй бабыхсын. Скъоладзаутæ лæмбынæгæй хъусынц, цы сын дзурынц, уымæ. Ногдзинадæй бирæ цыдæртæ базыдтой. Æфсæддон хайадмæ фыццаг хатт æрбацыдысты. Уазал у, фæлæ сæ уый дæр нæ уромы. Сæ алывæрстæм кæсынц, сæхи фæлварынц кардæй рæстдзæвин уæвынæй, арбалетæй æхсынæй. Канд хистæркъласонтæ не сцымыдис сты, фæлæ ма чысыл сабитæ дæр. «Мæ зæрдæмæ ам тынг фæцыдис. Уæлдай тынгдæр, хæцæнгарзимæ куыд архайын хъæуы, уый. Æнцон нæу. Салдæттæ ахуыр сты, фæлæ махæн афтæ хорз нæма `нтысы. Мæнæн мæ фыдыфсымæр дæр хæстон лæг уыдис, кадимæ фæмард йæ хæс æххæстгæнгæйæ. Уый тыххæй мæн дæр фæнды хæстон суæвын», - Дзæуджыхъæуы 30-æм скъолайы ахуырдзау Цæболты Динæ. Ацы æнахуыр экскурси сывæллæттæн сарæзтой нæ республикæйы адæмон фронты фæсивæдон хайады уæнгтæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны агъоммæ ахæм акцитæ цæуынц æгас бæстæйы дæр. Амидингæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ ахсджиаг сты. Рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной фыдыбæстæйы æфсады тых æмæ хъомыс. Уæдæ æцæг лæгтæ куыд æхсидынц, уый дæр бирæйы аккаг у. «Ацы акцийы нысан у фæсивæдмæ патриотон æнкъарæнтæ равзæрын кæнын, фыццаджыдæр. Дыккаджы та, арфæ кæнæм фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны фæдыл, æфсады чи ис, уыдонæн. Афтæ мæм кæсы, æмæ фылдæр лæппуты зæрдæмæ фæцыд ацы балц. Кæд сæ исчи фидæны йæ цард æфсадимæ сбæтта, уæд уыцы хорздзинады, æвæццæгæн, нæ абоны акцийы бавæрæн дæр уыдзæн», - РЦИ-Аланийы адæмон фронты фæсивæдон хайады уæнг Анзор Карданов. Тæккæ цымыдисдæр сывæллæттæ уыдысты æфсæддон техникæ уынынмæ. Скъоладзаутæн равдыстой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы фæндагыл цæуыл цыдысты, уыцы хæстон хæдтулгæтæ. Сихор кæныны афон куы `рцыд, уæд та ма салдæттæ сывæллæттæн ноджыдæр иу цымыдисаг кусæнгарз фенын кодтой. Быдырон уавæрты хæрзад хæринаг цæй руаджы ис акæнæн, ахæм. Уазджыты уыцы бон салдæттæ хорз федтой. Æмткæй райсгæйæ, 70 скъоладзауы Дзæуджыхъæу, Горæтгæрон æмæ Æрæфы районтæй хи цæстæй федтой æфсæддон цардыуаг. Сæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый бæрæг дардта. Хистæркъласонтæй бирæтæ ацы экскурсийы фæстæ сфæнд кодтой сæ цард æфсадимæ сбæттын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иу бонмæ - æфсадмæ
Категория:
Новости и СМИ