Республикæйы æрлæууыдыдысты æнтæф бонтæ
Республикæйы æрлæууыдыдысты æнтæф бонтæ. Ныр цалдæр боны бæрзонд температурæ нæ хауы. Ахæм тæвдты рæстæг лæмбынæг кæсын хъæуы æнæниздзинадмæ. Арæхдæр сæхи æвзæр фенкъарынц зæрдæйы æмæ дадзинты низтæ кæмæ ис, уыдон. Адæм дохтыртæм бахатынц туджы бæрзонд æлхъывдадимæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фылдæр нуазын хъæуы хуымæтæг дон агъуысты температурæ йын куыд уа, афтæмæй. Дарын хъæуы æрдзон æрмæджытæй хуыд урс дзаумæттæ, хæдзарй цæуын хъæуы сæумæ райсомæй кæнæ та хурнуыгылды фæстæ. Фæкъаддæр кæнын хъæуы физикон куыст дæр. Йæхи æвзæр чи банкъара, уый хъуамæ æвæстиатæй дохтыртæм бацæуа.