Республикæйы тхэквондойы архайы 1000 адæймагæй фылдæр

Ацы бур рон Кæркуысты Дамирæн хуымæтæджы нæ радтой. Лæппу зæрдæргъæвдæй тхэквондойы архайы ныр афæдзæй фылдæр. Ныридæгæн æм ис 3 роны - æвдисынц ацы спорты бæрзæндтæм хизгæйæ цы фæндагыл рацыд, уый. Залмæ йæ æрбакодта йæ мад, фæлæ дзы йæ лæппу бафæстиат уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыд. Дамирæн ацы спорт йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Беслæны Олимпаг резервы скъолайы бирæ курдиатджын фæсивæд ис. Командæ æппынæдзух архайы алыхуызон ерысты. Æмæ хуымæтæджы нæ. Рамбулынц сызгъæрин æмæ æвзист майдантæ. Медойты Миленæ æрæджы рамбылдта тхэквондойæ Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат. Уæвгæ ацы спортмæ æнæнхъæлæджы æрбацыд. Урс хуыз нысан кæны сыгъдæг хъуыдытæ æмæ фидар удыхъæд. Уымæн у спортсменты кимоно урс. Йæ хъуымац у рог, цæмæй спортсментæн æнцонæй архайа, уымæн æмæ ацы спорты сæйраг у къахæй цæвын. Æдæппæтæй тхэквондойы ис 10 къæпхæны, кæнæ роны. Сæйрагдæртæ сты 6 - урс, бур, цъæх, æрвхуыз, сырх æмæ сау. Уыдоны 'хсæн та ма ис дыууæ хуызы рæттæ. Къæпхæнтæм хизыны хæслæвæрдтæ æнцон не сты. Фæлæ æппæтæй сæйрагдæр рон райсынæн у фидар удыхъæд. Сывæллон хъуамæ æмбара, цæмæ архайы ацы спорты, зæгъы тренер Дудиаты Марат. Уыимæ ма хъуамæ дæ хъомылгæнинæгты æмбарай, спортсмен æмæ тренеры 'хсæн уа бастдзинад. Уый та у фыццаг уæлахиз. Тхэквондойæ дунейы архайы 40 милуан адæймаджы бæрц. Уыдоны 'хсæн нæ республикæйы фæсивæд дæр. Се 'ппæт дæр тынг тынрнынц уæлахизтæм. Сæ тренертæ та та сын зæрдиагæй æххуыс кæнынц уыцы хъуыддаджы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 459 подписчиков
12+
40 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии