Дзæуджыхъæуы цæуынц трамвайы фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ
Къостайы номыл проспекты Пашковскийы номыл уынгæй Мамсыраты Хаджи уынджы онг ивынц трамвайы фæндæгтæ. Ныртæккæ куыстыты 25% баххæст кодтой. Уый сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. Горæты разамонæг «Фæндаггон фонд»-ы хицау Дзуццаты Тимуримæ бабæрæг кодта цалцæггæн куыстытæ кæм цæуынц фæндаджы уыцы хай. Дзуццаты Тимур куыд бафиппайдта, афтæмæй арæзтадон куыстуаты къордтæ бæстонæй кусынц, уыимæ ма фæткмæ гæсгæ. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ зæрдæ не `хсайы. Æлбегаты Барис йæ балцæй разыйæ бады. Бафтаудзыстæм ма уый горæты сæйраг уынджы цаоцæггæнæн куыстытæ фæуыдзысты 1-æм октябрмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы цæуынц трамвайы фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ
Категория:
Новости и СМИ