Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы боны 75 азы цæттæгæнæн мадзæлттæ Дыгуры районы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы боны 75 азы кадæн, Цæгат Ирыстоны цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ. Кадджын бæрæгбоныл сæмбæлдзысты горæтты, районты æмæ хъæуты. Уæлахизы 75 азы бонмæ æнтыстджынæй цæттæ кæнынц Дыгуры районы дæр. Дигорайы Намысы аллеяйы æрвылаз Уæлахизы бæрæгбоны æрæмбырд вæййынц бирæ адæм. Сæнусон дзы кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыртæ, зындгон ахуыргæндтæ, граждайдаг хæсты чи фæмард, уыдоны нæмттæ. Æппынæдзух бынаты сыгъдæгдзинадмæ цæст дарынц. Уæлахизы 75-юбилейы кадæн Аллеяйы сараздзысты кадджын мадзæлттæ. Архайдзысты дзы скъоладзаутæ, ветерантæ. Бæрæгбонмæ цæттæ кæнынц Цæголты Георгийы номыл историкон-мемориалон музейы дæр. Ис дзы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зал. 9 маймæ йæ фæнд кæнынц банывыл кæнын. Уыимæ ма, Дигорайы сæйраг фæзы районы цæрджытæн сараздзысты бæрæгбоны концерт. Архайдзæн æнæмæлгæ полк дæр. Кусдзысты тематикон фæзуæттæ. Районы хицауады ныхæстæм гæсгæ, йæ архайджыты нымæц азæй-азмæ фылдæрæй фылдæр кæны. Районы скъолаты сараздзысты хъæбатырдзинады уроктæ, ветерантимæ фембæлдтæ. Цæмæй кæстæр фæлтæр ма рох кæна, йæ цард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизæн чи снывонд кодта, уыдоны рухс нæмттæ. Хæсты ветерантæ ма районы цыппар сты. Уыимæ ма, сцалцæг кæндзысты хæстонты цыртдзæвæнтæ Хъарман- Сындзыхъæу æмæ Николаевскæйæ станицæйы. Базилдзысты Дигорайы хæстонты цыртдзæвæнтæм дæр. Куыстытæ баххæст кæндзысты федералон программæ «Увековечение памяти погибших при защите Отечества»-мæ гæсгæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы Дыгуры районæй фæсивæдæй 5 минæй фылдæр ацыдысты хæсты быдырмæ. Се 'мбис фæстæмæ нал сыздæхтысты. Районæй рацæугæ нæлгоймæгтæ 6-æй систы Советон цæдисы хъæбатыртæ, дыууæйæ та- Намысы ордены æххæст кавалертæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы боны 75 азы цæттæгæнæн мадзæлттæ Дыгуры районы

Категория:

Новости и СМИ