Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы сбæлвырд кодтой рагагъоммæйы хатдзæгтæ

Бæстæйы президенты æвзæрстыты бацархайдтой Цæгат Ирыстоны 450 мин цæрæджы, уыдонæн сæ 89% схъæлæс кодтой Владимир Путиныл. Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта регионы æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Архайдтой ма дзы республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Æвзарæн къамисы сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй æвзарæн кампани ацыд рæстдзинады бындурыл æнæ фæткхæлдыдтæй. Се 'ппæтæн дæр сæ бартæ сæххæст кæнынæн сарæзтой æмбæлгæ уавæртæ. Дистанцион хуызы чи схъæлæс кодта, уыдоны нымæц дæр чысыл нæу. Хæдзары процедурæйы архайдтой 100 мин адæймаджы. Сæ хъуыдытæ загътой фæсарæйнаг цæстдарджытæ дæр. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ æвзæрстытæ арæзт уыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы æвзæрстытæ ахсджиаг цау канд Уæрæсейы нæу, фæлæ æгас дунейы дæр. Бафиппайдта, республикæйы кампани ацыд закъоны бындурыл æмæ æнæаиппытæй. Сæргълæууæг æппæтадæмон цæстдарджытæн сæ куысты тыххæй загъта бузныг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 457 подписчиков
12+
11 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии