Бакулевы номыл зæрдæйы æмæ дадзинты системæйы хирургийы центр

Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис ма фембæлд Бакулевы номыл зæрдæйы æмæ дадзинты системæйы хирургийы центры разамонæг Елена Голуховаимæ. Æмбырды куыд сбæрæг, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ацæудзæн «Зæрдæйы бон». Йæ фæлгæты медицинон æракст райдзысты республикæйы цæрджытæ, се 'хсæн сывæллæттæ афтæмæй. Консультацитæ уыдзысты районты дæр. Бынаты æмбæлгæ æххуыс бакæнын кæмæн нæ бантыса, уыдоны æрвитдзысты Центрмæ. Уымæй уæлдай ма регионы дохтыртæн сараздзысты наукон-практикон ахуыртæ. Базонгæ сæ кæндзысты зæрдæйы низтæ дзæбæх кæнгæйæ нырыккон техникæтимæ. 2022-æм азы июлы республикæйы дзуапдæттæг министрад æмæ центр бафыстой æмгуыстады бадзырд. Уый руаджы фæссауонмæ консультаци райстой сæдæгай адæм. Æмткæй райсгæйæ регионы фæхуыздæр сты медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад. Иумæйаг куыст дарддæр дæр цæудзæн. Дзанайты Барис ма æмбырды рæстæг фæнысан кодта, республикæйæн кадртæ цæттæ кæныны фарста. Хæстæгдæр рæстæг Бакулевы центрмæ сæ фæлтæрддзинад уæлдæр кæнынмæ регионæй ацæудзæн дохтырты къорд.

Иконка канала IRYSTONTV
1 497 подписчиков
12+
27 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии