Беслæны фæндараст загътой Украинæйы æфсæддон операцийы рæстæг чи фæмард, уыцы Мысыкаты Черменæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Ирыстоны хъæбатыр гуырд. Иры дзыллæ хъыг кæнынц Мысыкаты бинонтимæ. 27 аздзыд Мысыкаты Чермен фæмард Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы. Йæ лæгдзинады тыххæй бирæ хатт хорзæхджынгонд уыд майдантæй. Æцаг хъайтарæн абон фæстаг фæндараст загътой. Адæм чыртæ-чыртæй цæуынц. Цыма сын кæрон дæр, афтæ. Мысыкаты Черменæн фæстаг фæндараст зæгъынмæ æрбацыд бирæ дзыллæ. Уарзон хъæбул æмæ æфсымæр. Йæ цардæй кæй ахицæн, уый хиуæттæм хъаргæ дæр нæ кæны. Нæ сæ уырны. Æвзонг лæппу. Кæстæртæн фæзминаг. Æмгæрæн æнæхин æмæ æцæг хæлар. Ныфс æмæ хъару та хистæртæн. Черменæн йæ цард аскъуыд 27 аздзыдæй. Йæ царды фæндаг нырма æрæджы кæмæн райдыдта, уый бæмынæг ис. Хъæбатырæй фæмард 28-æм февралы. Мысыкаты Чермен æфсады рæнхъыты æрлæууыд контракт бафысгæйæ. Рад хаста Новочеркасскы æфсæддон хайады. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг уыд хъавæг-оператор. Уыд æфсæддон хæдтулгæйы къамандæгæнæджы хæдивæг. Сæ æфсæддон машинæйыл ауад ракетæ. Æфсæддонтæ иууылдæр фæмард сты. Чермен кад æмæ радимæ хаста йæ службæ. Уыд раззагдæртимæ. Йæ лæгдзинады тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд ведомствойы майдантæй. Уымæн стыр аргъ ис, фæлæ, уыдонæй зынаргъдæр та хæдзары йæм цы хиуæттæ æнхъæлмæ кастытсты, уыдоны æгæрон уарзондзинад. Чермен ныр уыдзæн æрмæст сæ зæрдæты. Æнустæм. Ирыстон æмæ æгас бæстæйæн та баззайдзæн хъæбатырæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv