Цæгат Ирыстоны 5 горæты архайынц æппæтуæрæсеон æркасты
Цæгат Ирыстоны 5 горæты æппæтуæрæсеон æркасты архайынц æнцонвадат цардимæ баст проекттæ саразыныл. Архайджытæ сæ курдиæттæ райдыдтой æрвитын фарон, октябры мæйы. Ис сæ бадæттæн 31 январы онг. Уæлахиздзауты сбæрæг кæндзысты 1-æм мартъийы. Цæгат Ирыстонæй дзы архайынц цалдæрæй. Жюрийы уæнгты размæ рахастой Алагиры аргъуаны проект. Æрыдоны та равзæрстой Фæскомцæдисонты парк, Дигорайы горæты парк, Мæздæджы - Уæлахизы Парк. Беслæны та - Революцийы уынджы культурæйы æмæ фæлладуадзæн бынат. Кæд проект рамбула, уæд горæтæн рахай кæндзысты æхцайы фæрæзтæ. Конкурсы ис сæрмагонд уагæвæрдтæ. Зæгъæм, ахæм ерысты архайыны бар нæй, фарон дзы чи рамбылдта, фæлæ йæ проект чи нæ сæххæст кодта, ахæм муниципалон скондæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æппæтуæрæсеон æркаст сарæзтой нæ бæстæйы президент Владимир Путины бадзырдмæ гæсгæ 2018 азы. Æркастмæ се `ргом раздахтой бирæ регионтæ. Уымæ гæсгæ рахастой уынаффæ, æрвылаз æй аразын. 2 азмæ нæ бæстæйы гыццыл горæтты æмæ, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хъæуты ’хсæн æвзæрст æрцыдысты 160 проекты, æдæппæттæй 63 субъекты. Уыдонæй 80 проекты сæххæст кодтой 2019 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 5 горæты архайынц æппæтуæрæсеон æркасты
Категория:
Новости и СМИ