Арты уацары
Кæркуысты бинонтæ иу уысммæ æнæ исбонæй аззадысты. 19 майы сæ хæдзарадон арæзтæдтыл зынг бафтыд æмæ зыбыты сыгъд бакодтой. Ныр дæр ма уыцы бон сæ цæстытыл уайы. Бинонтæн 11 сывæллоны ис. Хистæртæ Хуыцаумæ кувынц, хъыгдард сæ кæй ничи баййæфта, уый тыххæй. Ныр цы кæной, уый нал зонынц. Иуæрдыгæй сæ стыр бинонтæ дарын хъæуы. Иннæмæй та — зынгсирвæзты фæстиуджытæ иуварс кæнын. Бинонты къух та уый н` амоны. Бузныг уыдзысты, истæмæй сæм чи фæкæса, уыдонæй се `ппæтæй дæр. Рамоновы хъæуы цæрæг Хъуылымбегты Маринæ уыцы бон æрхъуыдыгæнгæйæ, йæ цæссыг нæ фæуромы. 19 май. Хуымæтæг бон. Йæ хæдзары куыстытæ кодта. Æнхъæл дæр нæ уыд, хъуыддаг афтæ цæхгæр кæй аивдзæн, уый. Иуафон скъæты `рдæгæй пиллон арт ауыдта. Куы йæ бамбæрста, зынг сæ кæй аныхъуырдзæн, уый, уæд сылгоймаг фæдис кæнын райдыдта. Фырадæргæй цы акæна, уый иуцасдæр æмбаргæ дæр нал кодта. Хорз æмæ, бинонты кæстæртæй иу Маринæ сæрæндæр разынд. Сабиты уайтагъд хæдзарæй æддæмæ ракодта æдас ранмæ. Арт цæрæн уæттæм нæ бахæццæ. Фæлæ сæ саратæ æмæ иннæ бæстыхæйттæ цъыбыртты сыгъд бакодтой. Уый нæ, фæлæ ма скъæты удæгасæй басыгъдысты сæ стурвос, хуытæ æмæ кæрчытæ. Куыд се мхъæуккæгтæ, афтæ Кæркуыстæ дæр зæххы æмæ фосы куыст кодтой. Ныр бинонтæн сæ фæллой фæсæфт. Бырон йæддæмæ дзы ницыуал баззад. Сæ сыхæгты фарсмæ хъæуы цæрджытæ иууылдæр æрбалæууыдысты. Арт аххуыссын кодтой. Фæлæ сыл ныр цард йæ уæззау уаргъ æрæвæрдта. Кæркуысты бинонтæн 11 сывæллоны ис. Сæ хистæр Барис йæ фыдимæ арæзтадон куыстытæ кодта. Фæлæ уымæн дæр йæ кусæнгæрзтæ арты хай баисты. Цæмæй бавнала, уый йæм нал ис. Кæркуысты бинонтæ фыдбылызы фæстиуджытæ сæхæдæг иуварс кæнынц. Фæлæ сæм уæддæр фæкæсын хъæуы. Æххуысагур сæ фæндаг акодтой Алагиры районы администрацимæ. Байхъуыстой сæм. Радтой сын æхца. 10 мин сомы. Уымæн дæр бузныг. Фæлæ йæ мулк арты цæхæры кæмæн басыгъд, уыдон сæ цалырдæм хъуамæ аивазой?! Æмæ кæд бинонты уавæрмæ кæсгæйæ исчи йæхицæн хæсыл банымайа, цæмæйæ сæм фæкæса, уæд Хуыцауæн уарзон хъуыддаг сараздзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Арты уацары
Категория:
Новости и СМИ