Цæгат Ирыстоны уыдзæн Æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй «Аланы-2019»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæцтæй «Аланы-2019» райсом байгом уыдзæн Цæгат Ирыстоны. Бацархайдзысты дзы æгас дунейæ 25 хъæбысхæцæджы. Уыдон сты: Уæрæсе, Америкæ, Иран, Монголи, Турци æмæ Грецийæ. Фыццаг бон уал уыдзысты рагагъоммæ æмæ æрдæгфиналы фембæлдтытæ. Уæлахиздзауты сбæрæг кæндзысты 8-æм декабры. Спорсментæ ныртæккæ сæхи куыд цæттæ кæнынц турнирмæ, уый сбæрæг кодтой нæ уацхæсджытæ. Зындгонд спортсментæ Цæгат Ирыстонæй, Америкæйæ, Иранæй, Монголи æмæ Бурятийæ. Сæхи цæттæ кæнын райдыдтой райсомæй. Рæстæг бирæ нал ис. Æнхъæлмæ сæм кæсы Æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй «Аланы». Тренировкæтæ цæуынц хъæбысхæсты академийы. Олимпаг чемпион Кайл Снайдер у Америкæйæ. Куы зæгъы, афтæмæй Ирыстоны спортсментæ тыхджынæй æвдисынц сæхи, фæлæ йæхи тыхтыл дæр æууæнды. Хъуамæ финалмæ рацæуа. Зындгонд спортсментæ Цæгат Ирыстонæй, Америкæйæ, Иранæй, Монголи æмæ Бурятийæ. Сæхи цæттæ кæнын райдыдтой райсомæй. Рæстæг бирæ нал ис. Æнхъæлмæ сæм кæсы Æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй «Аланы». Тренировкæтæ цæуынц хъæбысхæсты академийы. Олимпаг чемпион Кайл Снайдер у Америкæйæ. Куы зæгъы, афтæмæй Ирыстоны спортсментæ тыхджынæй æвдисынц сæхи, фæлæ йæхи тыхтыл дæр æууæнды. Хъуамæ финалмæ рацæуа. Иугонд командæты тренертæ сæ фæлтæрддзинадæй хай кæнынц æрыгæттæн.  Архайджытæ иууылдæр, кæд ныхмæлæуджытæ уыдзысты, уæддæр кæрæдзимæ хæлардзинады цæстæй кæсынц. Америкæйы иугонд командæйы сæйраг тренер куыд зæгъы, афтæмæй чемпионаты цæттæдзинад æмбæлгæ æвзæзадыл ис, хорз бацæттæ кодтой. Æппæтдунеон чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæболты Хетæг зæгъы, хъуамæ турниры размæ спорсмен йæхи хорз бацæттæ кæна. Тыхсын, дам, нæй спорсментæн. Уæдæ йæхи тыхтыл дæр æууæнды. Ирыстоны кæй ис, йæ райгуырæн зæххыл, уымæй та йын уæлдай æнцондæр уыдзæн. Турнир «Аланы» арæзт цæуы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæм æрмæст хорз бæрæггæнæнтæ не`нхъæлмæ кæсынц, фæлæ ма зæрдылдарæн лæвæртæ дæр. Сæйраг – 100 мин доллары. Спортивон хъæбысхæсты федерацийы фыццаг президент Фадзайты Арсены ныхæстæм гæсгæ, ацы турнир егъау уыдзæн. Архайджытæ дæр дзы бирæ ис. Турнир цæудзæн дыууæ боны. 7-æм декабры уыдзысты рагагъоммæ æмæ æрдæгфиналы хæстытæ. 8-æм декабры та кадджын мадзалы байгом уыдзысты финалы фембæлдтытæ. Уыдонмæ, спортсменты ныхæстæм гæсгæ, цæттæ сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны уыдзæн Æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй «Аланы-2019»

Категория:

Новости и СМИ